Главная » Методическая копилка » Начальные классы » Уроки, конспекты


Конспект урока чтения на осетинском языке во 2 классе

СКАЧАТЬ (2.75 Mb) 19.04.2025, 03:14
Арчегова Зарина Борисовна
учитель осетинского языка и литературы
Урочы темӕ:   Ног азы хорзӕх уӕ уӕд.
Урочы  нысан:  1 . Бакӕсын       Астемыраты  Изеты ӕмдзӕвгӕ
« Заз бӕлас»
                              2.Сывӕллӕтты базонгӕ кӕнын ног дзырдтимӕ зымӕджы тыххӕй.
                              3.Сывӕллӕтты сахуыр кӕнын ӕмдзӕвгӕ аив        кӕсын.
Хъомыладон  хӕс  :  1. Сывӕллӕттӕн уарзын кӕнын ирон ӕвзаг, ирон аив дзырд.
                            2.Сывӕллӕтты базонгӕ кӕнын ,Ног азы бӕрӕгбон ирон адӕммӕ куыд бӕрӕг кӕнынц ,уыимӕ.
Урочы фӕлгонц: Нывтӕ,интерактивон фӕйнӕг.

                             Уроы цыд
I  Организацион хай:
___   абон кӕцы нымӕц у?
___ къуырийы бонтӕй цы бон у ?
___ афӕдзы афотӕй цавӕр афӕдзы афон у ?
/ хъазт  _къуырийы бонтӕ/
II. Фонетикон зарядкӕ : КЪ – къах, къахкъӕлӕттӕ, къахдзоныгътӕ,къул,кълас.
                               ГЪ- мигъ, дзоныгъ,тӕбӕгъ бирӕгъ.

III.Аудировани:  Ралӕууыдис зымӕг.  У  уазал.  Арӕх уары мит.    Миты тъыфылтӕ зӕхмӕ  хауынц Зӕхх, бӕлӕстӕ ,хӕдзары сӕртӕ  сты урс.  Дымы уазал дымгӕ .
Фӕрстытӕ:  1. Цавӕр афӕдзы афон рауыдис?
                      2.Цы сты урс ?
                      3. Цавӕр дымгӕ дымы ? .
IV.  Речевая зарядка :
  • Цавӕр ӕууӕлтӕ ис зымӕгӕн?   - у уазал;
                                                   - мит уары;
                                                   - сывӕллӕттӕ   хъазынц  митӕй ;
                                                  - бон у цыбыр ,ӕхсӕв та даргъ.  
V . Дзырдбыд фӕйнӕгыл.
VI. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын
Наизусть бакӕсын  Айларты Чермены   ӕмдзӕвгӕ «Дымгӕ ниудта»

Фӕлладуадзӕн рӕстӕг. –« Улӕфынц нӕ цӕстытӕ».
VII.   Ног  ӕрмӕг:
Цӕмӕн уарзынц сывӕллӕттӕ  зымӕг ?
Цавӕр хъӕзтытӕй фӕхъазынц ?
Интер. ӕйнӕгыл зымӕгон   хъӕзтыты нывтӕ.

 
  • Цавӕр хъӕзтытӕ нӕ хауынц  зымӕгмӕ?Аиуварс сӕ кӕнӕм.
  • Цавӕр  хъӕзтытӕ баззад фӕйнӕгыл?
-къахкъӕлӕттыл  бырын;
-къуыбырӕй   бырын _
-дзоныгътыл бырын ;
-миткъуыбӕрттӕй хъазын ;
-Митын лӕг  аразын ;
-хоккейӕ хъазын;
-къахдзоныгътыл бырын.
  • Цавӕр бӕрӕгбонмӕ  ӕнхъӕлмӕ кӕсынц  сывӕллӕттӕ зымӕджы ?
  • Ног азы  бӕрӕгбонмӕ .
  • Чи сӕм ӕрбацӕуы  Ног  азы ?  - Митын  Дада.
  • Цы ӕрбахӕссы  сывӕллӕттӕн  ? - Ӕрбахӕссы лӕвӕрттӕ.
  • Алы хӕдзары дӕр  цы саразынц ?- Заз бӕлӕстӕ.
Абон уӕдӕ нӕ урочы темӕ у  Астемыраты Изеты ӕмдзӕвгӕ  «Заз бӕлас».                                                                                             
VIII.  Дзырдуатон куыст :

   Дзырдтӕ  ныффыссын дзырдуӕтты.
  • Ӕмдзӕвгӕ  кӕсы  ахуыргӕнӕг.
  • Кӕсынц сывӕллӕттӕ иугай  ӕмӕ иумӕ.   Тӕлмац  кӕнынц  ӕмдзӕвгӕ.
  • Бакусын   Ног Азы арфӕтыл  107 ф.
IX. Къухфыстытимӕ куыст   -53 ф. Арфӕтӕ   ныффыссын
X. Урочы кӕрон .
1.Хатдзӕгтӕ скӕнын .
2.Бӕрӕггӕнӕнтӕ      сӕвӕрын .
3.Хӕдзармӕ куыст раттын.


Категория: Уроки, конспекты
Просмотров: 47 | Загрузок: 4 | Рейтинг: 0.0/0

Нравится
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *: